Ӕнус — рӕзты фӕндагыл

Абайты Васойы номыл Цӕгат Ирыстоны гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕнты институтыл сӕххӕст сӕдӕ азы

Йӕ истори райдыдта 1919 азы 26 октябры. Уӕд арӕзт ӕрцыд Ирон Историон-Филологон ӕхсӕнад «Историон ӕрмӕджытӕ ӕмбырд ӕмӕ ахуыр кӕныны тыххӕй хӕххон адӕмты фыццаг наукон кусӕндон». Мидхӕсты ӕмӕ фӕсхӕсты уӕззау уавӕрты Ирыстоны разынд, историон-культурон бынтӕн аргъ чи кодта ӕмӕ цавӕрфӕнды политикон цардарӕзты уавӕрты  дӕр сӕ бахъахъхъӕныныл ӕмӕ ахуыр кӕныныл чи архайдта, ахӕм адӕймӕгтӕ.

Ӕхсӕнады архайды ахсджиагдӕр уыд адӕмы дзыхӕйдзургӕ сфӕлдыстады, фольклорон ӕмӕ этнографион ӕрмӕджытӕ ӕмбырд кӕнын. Хохаг хъӕутӕй хуынд цыдысты зындгонд зарӕггӕнджытӕ-таурӕгъгӕнджытӕ. Уыдоны фӕрцы фыст ӕрцыдысты бирӕ зарджытӕ, таурӕгътӕ, кадджытӕ. Фидӕны уыцы тексттӕ систы  «Ирӕтты адӕмон сфӕлдыстад»-ы бындур.

Наукон кусджытӕ  фыццагдӕр се ‘ргом аздӕхтой  нартзонынадмӕ. Тугъанты Махарбеджы, Санаты Гацыры, Ӕмбалты Цоцкойы къухфыстытӕ, бирӕ зарджыты ӕмӕ Нарты кадджыты тексттӕ ӕрӕмбырд кӕнынӕй дарддӕр ма  цыдис иртасӕн куыст дӕр. Уымӕн ӕвдисӕн сты ӕмбырдты суагъӕтӕ. Уым ныхас цыдис мӕнӕ ахӕм докладтыл: «Нарты эпосы равзӕрды тыххӕй, «Ирон нӕртон зарджыты равзӕрды тыххӕй» (Къубалты А.), «Чи сты нартӕ?» (Тугъанты Махарбег), «Нарты кадджытӕ Ӕмбалты Цоцкойы фыстӕй» (Ӕлборты Барысби).

Ӕхсӕнады ныхас цыдис ирон ӕвзагзонынады фарстытыл дӕр: «Иумӕйаг литературон ӕвзаг ирон ӕвзаджы ӕртӕ къабазӕн дӕр» (Тыбылты Алыксандр), «Ног ирон графикӕ латинаг бындурыл» (Дзагуырты Гуыбады), «Дамгъуӕттӕ ирон ӕвзагыл». Ӕхсӕнады ӕмбырды фыццаг хатт ирон цавды тыххӕй доклад скодта студент Абайты Васо. Уыцы докладмӕ ӕхсӕнад йӕ хъус ӕрдардта, фыццаджыдӕр, ӕнгом баст кӕй уыдис «ирон ӕвзаджы ӕмдзӕвгӕйы арӕзтимӕ», дыккаджы та — ӕрыгон студент равдыста, фарст наукон ӕгъдауӕй равзарынмӕ куыд арӕхсы, уый». Уыцы ӕмбырдтӕй цы докладты тексттӕ ӕмӕ суагъӕтӕ баззад, уыдон дзурӕг сты фарстытӕн хатдзӕгтӕ кӕныны бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

1923 азы Ирон Историон-Филологон ӕхсӕнад регистрацигонд ӕрцыд УФ-йы Сӕйраг наукӕйы кусӕндоны хуызы. Ӕхсӕнад бындур сӕвӕрдта Ирыстоны наукон, ахуырадон ӕмӕ  культурӕйы инфраструктурӕйӕн.

1920 азы августы Дзӕуджыхъӕуы арӕзт ӕрцыд Терчы облӕсты архивон управлени. Уый сарӕзт ӕмӕ рӕзты зӕрдиагӕй архайдта  ӕхсӕнад дӕр. Сӕйраг архивон управленийы фыццаг разамонӕг уыд ӕхсӕнады ахуыргонд нымӕрдар Дзагуырты Гуыбады ӕнӕ историон хъуыддаджы гӕххӕттыты архивтӕй Терчы крайы ӕмӕ йӕ адӕмты историйӕн сахуыргӕнӕн нӕй, уый ӕмбаргӕйӕ, нывыл сӕвӕрдта ӕрмӕджытӕ ӕвзарыны ӕмӕ бахъахъхъӕныны куыст. Уыдон та систы бындур архивон фондтӕн.

Ӕхсӕнад йӕ бавӕрӕн бахаста музейон хъуыддаджы рӕзтмӕ дӕр, 1920 азы йӕхи ӕрмӕджы ӕмӕ монон культурӕйы музейы бындур сӕвӕргӕйӕ. Йӕ фыццаг экспонаттӕ систы ирон фӕндыр Сырдоны хӕдзары нывимӕ, дыхъисыг далафӕндыр, рагон уарт, фӕттӕ, Хетӕгкаты Къостайы нывтӕ ӕмӕ йӕ дзаумӕттӕ. Уыдон ын уыдысты Цӕлыккаты хоты лӕвар; зындгонд ӕхсӕнадон архайджыты портреттӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ӕхсӕнад уӕлдай тынгдӕр архайдта ирон национ скъолайыл. Уыцы фарст ахсджиаг сси ирон ӕвзагыл ахуыр кӕныны советон хицаудзинады декреты фӕстӕ. Ӕхсӕнад арӕзта ахуыргӕнӕн чингуыты конкурстӕ, рецензитӕ сыл фыста, куыста ирон ӕвзаг дӕттыны методикӕйыл.

Дӕсны кадртӕ цӕттӕ кӕныны нысанимӕ, ӕхсӕнад зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй арӕзт ӕрцыдаид адӕмон ахуырады Хӕххон институт. Фӕстӕдӕр бахатыд политехникон институты профессорты Советмӕ, цӕмӕй уыцы институты байгом уыдаид Кавказиртасынады ӕмӕ ирониртасынады кафедрӕ.

Ӕхсӕнады  сӕрдар ӕмӕ ахуыргонд нымӕрдары бынат радыгай ахстой ӕлборты Барысби ӕмӕ Дзагуырты Гуыбады, разамынды уӕнгты та ӕвзӕрстой ӕртӕ азӕй ӕртӕ азмӕ. Алы азты ӕхсӕнады уӕнгтӕ уыдысты Тыбылты А., Цӕголты Г., Собиты И., Гӕздӕнты С., Гарданты К., Гуыриаты Г., Карсанаты А., Коцойты А. Таболты П., Зӕгӕлты В., Абайты И. Ӕмӕ ӕндӕртӕ. Райдайӕнӕй кӕронмӕ ӕхсӕнады уӕнг уыдис зындгонд фыссӕг-драматург Брытъиаты Елбыздыхъо. Наукон фарстытыл дзургӕйӕ архайӕг уыдысты Байаты Измаил, доктор Гӕздӕнты Дзыбын ӕмӕ ирон интеллигенцийы ӕндӕр зындгонд минӕвӕрттӕ.

Ӕхсӕнады уӕнгтӕ хъӕугӕйыл нымадтой уӕрӕсейаг ӕмӕ кавказаг историйы уӕрӕх  иронзонынады рӕзт, стӕй Уӕрӕсейы Наукӕты академи, Уырыссаг Географион ӕмӕ Гуырдзыстоны Наукон ӕхсӕнадтимӕ ӕнгом бастдзинад, уыимӕ, «Кӕсӕджы, Балхъары, Цӕцӕны, Мӕхъӕлы  сӕвзӕрӕг ӕхсӕнадтимӕ дӕр».

Цы суагъӕтӕ ӕмӕ хыгъды гӕххӕттытӕ баззад, уыдонмӕ гӕсгӕ ирдӕй зыны Хуссар Ирыстоны ӕмӕхсӕнадимӕ бастдзинад иронзонынады ӕмӕ ирон ӕвзаг ахуыр кӕныны методикӕйы, Ирыстоны фольклорон-этнографион ӕрмӕг ӕмбырд кӕныны фарстытыл иумӕ кӕй куыстой, уый.

Ӕхсӕнады ӕмбырдты ныхас цыд Турчы ирон диаспорӕйы лыггӕнинаг фарстытыл. Иурӕстӕджы ахӕм фембӕлды архайдта Турчы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Бекир-Сами-Бей (Куындыхаты Муссӕйы фырт). Уый бӕстон радзырдта Турчы ирӕтты царды, поэт Мамсыраты Темырболаты тыххӕй. Йӕ къухфыстытӕ уыдысты Трапезунды. Фӕстӕдӕр, Хъаныхъуаты Инал цы ӕмдзӕвгӕтӕ рафыста, уыдоны къопитӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Институты архивмӕ.

Ӕхсӕнады наукон-иртасӕн, рухсадон ӕмӕ организацион архайд сӕрӕвӕрӕн сси иронзонынадӕн, куыд наукон здӕхт, афтӕ.

1925 азы ӕхсӕнад ивд ӕрцыд ӕмӕ сси Бӕстӕзонынады Ирон наукон-иртасӕн институт. Йӕ сарӕзтыл зӕрдиагӕй архайдтой профессор Мысыкаты М., Ӕлборты Б., Дзагуырты Г. Ӕмӕ ӕндӕртӕ. Институты дарддӕры рӕзты стыр нысаниуӕг уыд Кокиты Г.,  Е. Крупнов, Абайты В., Б. Скитский ӕмӕ ӕндӕртӕн.

Институт йӕ куысты фыццаг азты рауагъта Всеволод Миллеры ӕртӕтомон «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат», Ӕлборты Барысбийы «Ирон ӕвзаджы цыбыр грамматикӕ». Уыдон стыр ахъаз фесты ирон ӕвзагзонынады рӕзтӕн. 1925 азы рацыд журнал «Известия Осетинского научно-исследовательского института краеведения»-йы фыццаг номыр. Уый Ирыстоны уыд фыццаг наукон журнал.

Институты ахуыргӕндтӕ бирӕ азты дӕргъы зӕрдиагӕй ӕмбырд  кодтой ӕрмӕджытӕ Ирыстоны историйы тыххӕй, мыхуырмӕ  цӕттӕ кодтой ӕмӕ уагътой иртасӕн ӕрмӕджыты ӕмбырдгӕндтӕ уырыссаг-ирон ахастдзинӕдты, хохӕгты Туркмӕ цӕрынмӕ ӕрвитыны ӕмӕ ӕндӕр  фарстытыл. Фидар кодта политикон цардӕвӕрд ӕмӕ домдта йӕхиуӕттӕ: наукон тематикӕ, къласон тохы, революцион змӕлды, мидхӕсты, большевизмы историйы фарстытӕ.

Институт бавзӕрста репресситӕ, ахстытӕ, бар нал лӕвӕрдтой «Известия» ӕмӕ иннӕтӕ уадзынӕн, фӕлӕ Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕджы дӕр йӕ куыст нӕ ныууагъта: арӕзт цыдысты экспедицитӕ, куыстой тексттимӕ ӕмӕ уагъд ӕрцыдысты Нарты кадджытӕ уырыссаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтыл. Институты филологтӕ, цӕстыгагуыйау, хъахъхъӕдтой, Ирон Историон-Филологон ӕхсӕнад цы ӕрмӕджытӕ ӕрӕмбырд кодта, уыдон. 1940 азы ноябры республикӕйы хицауады уынаффӕйӕ арӕзт ӕрцыд Нарты комитет. Уый разамындӕй институт мыхуырмӕ бацӕттӕ кодта  Нарты эпосы иугонд текст. Уый уагъд ӕрцыд 1946 азы.

1956 азы Максим Горькийы номыл  Литературон институт ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны наукон-иртасӕн институтӕн нартзонынадӕй уыд фыццаг наукон конференци. Уый фадат радта йӕ дарддӕры рӕзтӕн.

1989-1991 азты  рацыд Нарты эпосы фыццаг рауагъд академион рауагъд «Советон Цӕдисы адӕмты эпос»-ы фӕлгӕты.

Институты историкты ‘хсӕн уыдысты курдиатджын адӕймӕгтӕ: Кокиты Г., Б. Скитский, Тотойты М. Ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хӕсты фӕстӕйы азты сӕ размӕ лӕууыдис Цӕгат Ирыстоны историйы чиныг рауадзыны хӕс. Йӕ фыццаг том уагъд ӕрцыд 1959 азы. Иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй йӕ рауадзыны хъуыддаджы стыр куыст бакодта историк Дзанайты Аким. Уый ма скодта дыккаг томы проект дӕр. Дыккаг том рацыд 1966 азы. Фӕстӕдӕр сыл ногӕй бакуыстой ӕмӕ сӕ рауагътой дыккаг хатт.

Фӕстаг азты конд ӕрцыдысты ирон ӕвзагӕй бындурон проекттӕ,  этнолингвистикон иртасӕн куыстытӕ (Бесолты Е., Абайты Ф.). Дыууӕ томӕй уагъд ӕрцыд «Ирон-уырыссаг-англисаг дзырдуат» Гуыриаты Тамерланы редакцигондӕй. Рухс федтой «Стыр уырыссаг-ирон дзырдуат», «Нырыккон уырыссаг-ирон дзырдуат» (Гуӕцӕлты Л., Парсиаты Л.). Гуыриаты Тамерлан цы цыппартомон «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-ыл райдыдта кусын, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодта йӕ чызг Эльмирӕ.

Институты цымыдисаг проектыл банымайӕн ис Дӕргъӕвсы археологон экспедици. Археологтӕ Дзаттиаты Р., Туаллӕгты Ӕ., Цуциты А. иртасӕн куыст бакодтой, йӕ фӕзуат цыппор гектары кӕмӕн у, ахӕм цыртдзӕвӕныл (VII-XI/XII ӕнустӕ). Цы 1500 алыхуызон дзаумайы дзы ссардтой, уыдон дзурӕг сты, хохаг кӕмтты цӕрӕг алантӕн сӕ быдираг тугхӕстӕджытимӕ, стӕй хӕстӕг ӕмӕ дард регионтимӕ ӕнгом бастдзинӕдтӕ кӕй уыд, ууыл.

Институты фольклористтӕ сӕххӕст кодтой проекттӕ «Нарты кадджытӕ. Ирон адӕмы эпос» авд томӕй (Хӕмыцаты Т.), «Алӕмӕты аргъӕуттӕ», «Аргъӕуттӕ-новеллӕтӕ» дыууӕ томӕй, «Ирон литературон аргъауы антологи» (Брытъиаты А.). Бирӕ арӕзт ӕрцыд ирӕтты музыкалон фольклор ӕмӕ мифологи иртасыны хъуыддаджы (Брытъиаты А., Дзлиаты Дз.).

Институт бындур сӕвӕрдта цалдӕр наукон форумӕн: «Миллеры бакастытӕ», «Нартзонынад 21 ӕнусы: нырыккон парадигмӕтӕ ӕмӕ интерпретацитӕ», «Кавказы адӕмты генеологи», ӕрыгон ахуыргӕндты дунеон историон-филологон скъола-конференци, Дунеон скъола-конференци «Кавказ йӕ ивгъуыды ӕмӕ абоны: истори, археологи, культурӕ «(арӕзт ӕрцыд ЦИПУ-йы историон факультетимӕ).

Нӕ мынӕг кӕны институты кусджыты дунеон архайд дӕр. Экспедициты уыдысты  Турчы, Ираны, Италийы, Хорватийы ӕмӕ архайдтой дунеон конференциты. Институты сӕ дӕсныдзинад бӕрзонддӕр кодтой ахуыргӕндтӕ Германӕй, Туркӕй, Иранӕй.

Юбилейон аз рауагъдад «Ир»-ы рацӕудзӕн ӕмбырдгонд «Алантӕ-ирӕттӕ» рауадзынмӕ цӕттӕ сты «Ирон историон зарджытӕ» ӕмӕ ӕндӕртӕ. РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы ӕххуысӕй хӕстӕгдӕр рӕстӕджы фӕзындзӕн коллективон монографи «Великая княгиня Владимирская Мария Ясыня в русской истории». Уый цӕттӕгонд ӕрцыд Уӕрӕсейы Наукӕты Академийы Историйы институтимӕ.

Абон Цӕгат Ирыстоны Гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕнты институты кусы наукӕты 16 докторы (ӕппӕт наукон кусджыты цыппӕрӕм хайӕ фылдӕр). Фӕсивӕд зӕрдиагӕй кусынц сӕхиуыл, уарзынц сӕ адӕмы ӕвзаг, культурӕ ӕмӕ истори.

Институты кусджытӕ дарддӕр архайдзысты, цӕмӕй историон ӕгъдауӕй сфидаргонд наукон фӕндӕгтӕ хъахъхъӕд цӕуой ӕмӕ рӕзой амӕй фӕстӕмӕ дӕр, ахуыргӕндты хистӕр фӕлтӕры фӕлтӕрддзинадмӕ уа хъӕугӕ ахаст, ӕрыгон ахуыргӕндты сфӕлдыстадон хъӕппӕрисӕн та — ӕххуыс.

Хъаныхъуаты Зӕлинӕ, Цӕгат Ирыстоны Гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕнты институты директор

«Рӕстдзинад», №196 (24961) 2019 азы кӕфты мӕйы 26 бон