Статья ведущего научного сотрудника отдела фольклора и литературы СОИГСИ, кандидата филологических наук И.В. Мамиевой в национальной газете «Рӕстдзинад». 

 Абайты Васо наукӕйы зындгонд у, куыд ирайнаг ӕвзӕгты ахуырады бындурӕвӕрӕг, ӕнахуыр диссаджы дӕсны иумӕйаг ӕмӕ абаргӕ ӕвзагзонынады къабазы, у стӕм рауагъд «Ирон ӕвзаджы историон-этимологон дзырдуат»-ы автор. Йӕ фӕллӕйттӕ ирӕтты дзургӕ поэзийы, уӕлдайдӕр нартахуырады ӕнӕхъӕн дуг сты фольклолристикӕйы. Абайы-фырт, куыд историк, этнограф ӕмӕ динахуырады дӕсны, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр ӕвӕрӕн бахаста ирон ӕвзагахуырадмӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай ахуыргондмӕ литературон агурӕнтӕ ис ирон фысджыты-классикты тыххӕй дӕр. Адонмӕ фыдыбӕстӕйаг филологтӕ сӕ рӕстӕджы иу ӕмӕ дыууӕ хатты се ‘ргом нӕ аздӕхтой.,

Салӕгаты Зоя ӕмӕ Джусойты Нафи бӕлвырд хатдзӕгтӕ скодтой Абайты Васойы уацты бындурон ӕмбарынадтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕн; ахӕмты, куыд Хетӕгкаты Къостайы поэзийы идейон-эстетикон здӕхт, сӕ гуырӕнты иудзинад, национ ӕмӕ иумӕйагадӕймагон бастдзинад; Хетӕгкаты Къостайы, Гӕдиаты Секъайы, Малиты Георгийы адӕмондзинады сӕйраг хъуыдытӕ, фӕлгонцты ӕрфыстытӕ, уацмысты ӕвзаджы хицӕн хуыз, бӕрӕггонд цӕуынц, ацы автортӕ адӕмон сфӕлдыстадӕй куыд пайда кӕнынц, литературӕйы историйы цы бынат ахсынц, ӕмӕ сын цавӕр ахадындзинад ис, уыдӕттӕ. Уымӕй уӕлдай базонӕн вӕййы, Абайты Васо цы уацмыс фӕиртасы, уым курдиаты хӕдхуыздзинад фӕхицӕн кӕнынмӕ куыд дӕсны арӕхсы, уый, ӕмӕ сӕ бындурыл самайы фыссӕджы аивадон дунейы арӕзтад, йӕ ирд ӕнӕхъӕн фӕлгонц.

Уӕдӕ Абайты Васо цӕмӕн равзӕрста Хетӕгкаты Къостайы, Гӕдиаты Секъайы ӕмӕ Малиты  Георгийы сфӕлдыстад? Ӕрмӕстдӕр уымӕн, ӕмӕ, уыдон ирон литературӕйы историйы стырдӕр фысджытӕ кӕй сты, уый тыххӕй? ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Ӕз афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ ацы фысджыты дуненкъарынад ӕппӕты  ӕввахсдӕр уыд ахуыргонды удыхъӕд ӕмӕ цӕстӕнгасмӕ. Ӕмӕ раст у Салӕгаты Зоя, Абайты Васо наукӕмӕ «удцырынӕй, куыд поэт» ӕрбацыд, зӕгъгӕ, кӕй загъта, уымӕй. Йӕ бӕрзонд поэтикондзинад, дам, цӕры суанг йӕ арф ӕвзагзонынадон иртасӕнты дӕр.

Ацы хъуыдыйыл дзурӕг сты ахуыргонды алы куыстытӕ дӕр, уыимӕ, кӕуыл дзурӕм, уыцы фысджытыл цы ӕрмӕджытӕ ныффыста, уыдон дӕр. Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ Абайты Васойы уацтӕ ӕппӕтӕй дӕр уӕрст ӕрцыдысты цитатӕтыл. Зӕгъӕм, афоризмтӕ систы йӕ зындгонд: «Народы с гордостью произносят имена людей, в которых с наибольшей полнотой и блеском раскрылся их национальный гений. Англичанин говорит — Шекспир, Шотландец говорит — Бернс. Немец говорит — Гете. Итальянец говорит —Данте. Русский говорит — Пушкин. Мы, осетины, говорим — Коста, и душа наша наполняется гордостью и трепетной любовью».

Кӕнӕ ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Малиты Георгийы тыххӕй цы хъарм ныхӕстӕ загъта, уыдон: «… ацы хӕдӕфсарм хуымӕтӕг хӕххон лӕппуйы — уӕлыгӕсы удыхъӕды ӕмбӕхстис удцырын поэт — романтик ӕмӕ стыр сагъӕсгӕнӕг». Ӕмӕ ма уый тыххӕй ноджыдӕр: «Ныхъхъусут-ма ацы ӕмдзӕвгӕтӕм. Цалынмӕ дӕм сӕ хъуыды фӕхӕццӕ уа, уӕды онг дӕ уыдон басӕттынц кӕлӕнгӕнӕг ритм ӕмӕ сӕ зӕллангӕй». Гӕдиаты Секъайы тыххӕй та фыста: «Ацы ӕрдӕгталынг къӕсы, рухс ӕм калди ӕрмӕстдӕр тохынайӕ, хуымӕтӕг хохаг лӕг-зӕхкусӕг, ӕмӕ йӕ бирӕ бинонтӕй тыхст уӕвӕг уысмӕй-уысммӕ фыста йӕ радзырдтӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ, ӕнхъӕл та нӕ уыд, искуы мыхуыргонд ӕрцӕудзысты, уый. Цавӕр домбай ӕнӕбасӕтгӕ сфӕлдыстадон разӕнгардгӕнӕг тых хӕссӕн уыдис йӕ зӕрдӕйы, цӕмӕй тахтаид поэтикон фӕлгонцты дунейы, кӕд ӕмӕ уым ӕппӕт уавӕртӕ дӕр адӕймаджы тасын кӕнынц зӕхмӕ…»

Хъуыдыйӕдтӕ зӕлынц музыкӕйы хуызӕн. Фӕлӕ сӕ автор ӕппӕтӕй къаддӕр сагъӕс кӕны пайдайаг риторикон фигурӕтӕ агурыныл, нӕ архайы йӕ ныхасы хъӕды ӕддаг рӕсугъддзинадыл. Ахуыргонд цы фӕзӕгъы, уым кӕддӕриддӕр ӕвӕрд вӕййы арф хъуыды. Ирон классиктыл дзургӕйӕ, уый бӕлвырд ныхас кӕны се сфӕлдыстадон авналӕнты уӕрӕхдзинадыл, дзырды дӕсныты поэтикон лексикӕйы тыххӕй. Ӕз афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ Къостайы, Секъайы, Георгийы сфӕлдыстадыл ӕндӕрхуызы зӕгъӕн нӕ уыд.

Абайты Васойы хъуыдымӕ гӕсгӕ, сфӕлдыстадон адӕймаг у хицӕн хӕйттыл дихгонд патриархалон Ирыстоны иугӕнӕг. Уац «Цы нысан кӕны “Къоста ирон адӕмӕн»-ы уый фыссы:

«Разбросанный и распыленный по горным трущобам, подавленный нищетой и бесправием, осетинский народ в момент появления «Ирон фӕндыра» был почти лишен сознания своего национального единства, культурной и духовной общности. Он не имел даже общего самоназвания. Отдельные племенные группы жили своей замкнутой жизнью. И вот в этот ущербный, разорванный на клочья мир, подобно дару неба, был брошен пылающий, как факел, вдохновенный стих поэта:

«Иумӕ нӕ рамбырд кӕ, арфӕйы дзырд!»

Ахуыргонд Къостайы нымайы национ сӕрхъуызойыл. Уым  ис ирӕтты удварны  хъомыс, хицӕн субъектты ӕхсӕн йӕ адӕмы аккаг хуызы чи ӕвдисы, ахӕм минӕвар. Уый ӕмӕ йе ‘мдугон Гӕдиаты Секъа Абайты Васойӕн сты адӕймаг ӕмӕ нывгӕнӕджы хуызӕг. «Къостайы фӕлгонц у тынг диссаг. Дзырд ӕмӕ хъуыддаджы, стӕй сфӕлдыстадон ӕмӕ хисӕрмагонд биографийы ӕхсӕн ӕм хицӕндзинӕдтӕ нӕ вӕййы. Йӕ цард у дымгӕйы иу футты хуызӕн, ӕмӕ дзы ӕппӕт  дӕр тырны иу нысанмӕ», — дисгӕнгӕйӕ, фыссы уый. «Ирон аивадон литературӕйы райсом срухс дыууӕ ирд номӕй: стыр поэт Хетӕгкаты  Къоста ӕмӕ ирон прозӕйы бындурӕвӕрӕг Гӕдиаты Секъайы», — фӕбӕрӕг кодта уый ӕндӕр уацы — «Ныхас Гӕдиаты Секъайы тыххӕй»-йы.

Фыццаградон сгуыхтдзинӕдтӕ фысджытӕн амынд цӕуынц, зӕгъгӕ, сӕ цард ӕмӕ се сфӕлдыстадон архайд уыдонӕн цыди, иудадзыг кӕй хъуыды кодтой, адӕмы размӕ сыл стыр хӕстӕ ӕвӕрд кӕй ис, ууыл». Сӕ удыхъӕдмӕ гӕсгӕ, дам, уыдон сты адӕмы сӕрыл тохгӕнджытӕ ӕмӕ ахӕм миниуджытӕй хайджын сты, цы фӕлгонцтӕ аразынц, уыдон дӕр. ӕнӕхъӕнӕй райсгӕйӕ, ирон классиктӕ хохаг фӕллойгӕнджыты хуызӕг кӕй сарӕзтой, уый Абайы-фырт нымайы хорз хъуыддагыл.

Ахуыргонд къаддӕр дис нӕ кӕны, Гӕдиаты Секъа ӕмӕ Малиты Георги цы сылгоймаг-хъӕбатырты фӕлгонцтӕ сарӕзтой, уыдоныл дӕр. Уыны сӕ сылгоймаджы рӕсугъддзинады хуызӕг — канд ӕддагон нӕ, фӕлӕ ма мидӕггаг  дӕр. «Уыцы-иу рӕстӕг уыдон сты ӕнӕхӕлд, зӕрдӕмӕдзӕугӕ, ӕфсӕрмыгӕнаг, ныфсхаст, цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр адӕймаджы кад чи бахъахъхъӕндзӕн».

Ирыстоны хъӕбулты удуӕлдайдзинад ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ фӕллӕйттӕ, стӕй уыдон профессион аивадон дзырды гуырӕнты кӕй лӕууыдысты, уый Абайты Васо бары хъӕбатырдзинадимӕ: «Сфӕлдыстад у архайд. Фӕлӕ хатгай сфӕлдыстад свӕййы хъӕбатырдзинад». Стӕй ма дарддӕр: «Дзырд «хъӕбатырдзинад» фехъусгӕйӕ, цӕстытыл ауайы ӕфсӕддоны фӕлгонц, ӕмӕ фӕхъуысы хӕцӕнгӕрзты зӕлланг. Фӕлӕ къаддӕр хъӕбатырдзинад ис фыссӕджы ӕрвылбоны куысты ахӕм адӕймагӕн, куыд Секъа?»

Цы уацтӕй кӕнӕм хатдзӕгтӕ, уыдоны ӕмбӕлы ахӕм хъуыды дӕр, зӕгъгӕ, арфӕйаг хъуыддаг нӕ ферох вӕййы фӕстагӕттӕй, адӕймаджы къухтӕй саразӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм цыртдзӕвӕн та ӕцӕг нывгӕнӕг ӕмӕ патриот йӕхицӕн саразы адӕмы зӕрдӕты

Абайты Васойы иртасӕнтӕ ирон фысджыты-классикты тыххӕй ууыл нӕ фӕуынц. Ахсджиаг сты,  Къостайы тыххӕй кӕм дзуры, уыцы бынӕттӕ. Уыдон сты цардыуаджы уайдзӕфтӕ Къостайы фыдӕн, Цӕлыккаты Аннӕйӕн, йе ‘мдугонтӕн дӕр, кӕй нӕ базыдтой, Къостамӕ алывӕрсыг курдиат кӕй ис, уый; мах та азымы хӕссы, нӕ фысджыты хъуыды кӕнынмӕ фаг ӕргом кӕй не здахӕм, уый тыххӕй. Профессион домӕнтӕ дӕр ӕмбӕлынц Ирыстоны филологон наукӕйы. Зӕгъӕм, уац «Адӕмы цырагъ»-ы Абайты Васо дис кӕны Къостайы рифмӕйыл, йӕ фӕнд ахӕм у, ӕмӕ, цӕмӕй иртасджытӕ Къостайы ӕмдзӕвгӕты хъуыдыйӕ рахизой поэтикӕмӕ, стӕй «дзырдӕй» пайда кӕныны арӕхстдзинадмӕ».

Ӕцӕгдӕр, Джусойты Нафи раст у, Васойы руаджы ирон аивадон дзырд, историон-литературон уацмыс ӕвзарынмӕ хорз чи арӕхсы, ахӕм тызмӕг ӕмӕ раст аргъгӕнӕджы ссардта, зӕгъгӕ, кӕй загъта, уымӕй. Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ Абайы-фырты уацтӕй ӕгӕр раппӕлыны тыххӕй не сты. Нафи быцӕу кӕны ахуыргонды тезисы фӕдыл, цыма Гуырдзыбеты Бласкайы къухы нӕ бафтыд дыгурон стихы музыкӕ ӕрцахсын. Уымӕй уӕлдай Нафи у, йӕхи хъарутӕй ахуыргонддзинад чи райста ӕмӕ адӕмон таурӕгътӕ фыссӕг Гӕдиаты Секъайӕн Абайты Васо цы характеристикӕ дӕтты, уый ныхмӕ дӕр.

Фӕлӕ ма раздӕхӕм нӕ ныхасы темӕмӕ. Уӕдӕ нын цы радта Абайты Васойы уацтӕ ахуыр кӕныны лексикон-семантикон мидис ӕмӕ ахуыргонды хисӕрмагонд уӕнг? Фыццаджыдӕр, мах дисы ӕфтауы, литературӕ ахуырады фарстытӕ ӕвзарынмӕ куыд дӕсны арӕхсы, уый. Ӕвзагзонынады ахуыргонд лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕны ирон дзырдаивады дӕснытимӕ, семӕ удварны ӕндӕхтӕй баст кӕй уыд, уый тыххӕй. Кӕд наукӕйы фарстытӕ ӕвзарыныл ӕрвылбон архайдта, уӕддӕр нӕ уыд, йӕ кусӕн уатӕй ӕддӕмӕ чи нӕ цыд, ахӕм ахуыргонд. ӕвзонг лӕппуйы хуызӕн уыдис цымыдис, алцы зонынмӕ бӕллӕг.

Ацы хъуыдытӕ нӕ зындгонд ӕмфыдыбӕстаджы тыххӕй фӕуынмӕ хъавын Абайты Васойы уац «Ирон адӕмон поэт Хетӕгкаты Къоста»-йӕ ист рӕнхъытӕй: «Алы иронӕн дӕр Къоста ӕгӕрон зынаргъ уымӕн у, ӕмӕ дзы уыны йӕ уды хуыздӕр хай. Йӕ фӕлгонц ссис ӕппӕты бӕрзонддӕры ӕмӕ арфӕйаджы нысан. Къостайыл хъуыды кӕнгӕйӕ, алкӕй дӕр фӕфӕнды хуыздӕр, сыгъдӕгдӕр, зондджындӕр уӕвын».

Ахуыргонды ацы ныхӕстӕ ирон адӕмы цытджын хъӕбулы тыххӕй ахӕссӕн ис Абайы-фыртӕн йӕхимӕ, иучысыл сӕ ӕндӕрхуызон фӕкӕнгӕйӕ: «Васойы ном мысгӕйӕ, алы ӕмбаргӕ ироны дӕр бар-ӕнӕбары фӕфӕнды йӕхи асӕй ноджы бӕрзонддӕрмӕ схизын».

Мамиаты Изетӕ, филологон наукӕты кандидат