Рæстдзинад

 

Тамерлан уыд филологон наукæты доктор, профессор, Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртасæнты институты ирон æвзаджы хайады сæргълæууæг. Дыууæ æвзагыл фыст дзырдуæтты авторæн йæ иртасæн куыст æрмæст æвзагзонынадыл нæ фæци. Уый иртæста Нарты кадджытæ, ирон адæмы истори, афтæмæй ма литературæ иртасыны къабазмæ дæр бахаста зынгæ æвæрæн.

Пандемийы тыххæй конференци цыд онлайн-форматы. Сæ куыстытæ бавдыстой нæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыргæндтæ. Докладгæнджытæ дзы уыдысты Тегеранæй, Абхазæй, Португалийæ, Налцыккæй. Гуыриаты Тамерланы номыл конфереци у, ахуыргæндтæн сæ бон сæхи бафæлварын, се 'мкусджыты хъуыдытæ фехъусын кæм у, ахæм ерыс. Ахæм конференциты руаджы ирон æвзаг ис сисæн бæрзонддæр æмвæзадмæ.

Конференцийы темæтæ уыдысты алыхуызон, дих æрцыдысты цалдæр къордыл. Кæцыдæр куыстытæм хъуыстой конференцийы фыццаг хайы, иннæтæ дих æрцыдысты ахæм æгъдаумæ гæсгæ: æвзагзонынады, адæмон сфæлдыстады, литературæйы райхалинаг фарстатæ. Мидисджын докладтæ скодтой: Гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты ирон æвзаджы хайады кусæг Гуытъиаты Эльмирæ, Д. А. Гулиайы номыл Абхазаг гуманитарон институты хистæр наукон кусæг Дыжин Али Чурей, гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты ирон æвзаджы хайады кусæг Гуæцæлты Ларисæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнæг Уалыты Мæдинæ æмæ æндæртæ.

Гуыриаты Тамерлан ирон æвзаг æмæ литературæмæ цы æвæрæн бахаста, уый зæрдылдаринаг у. Тагъд рæстæджы æрыгон фæсивæд дæр куыд райдайой иртасæн куыстытæ кæнын, ахæм амонд сæ уæд. Зонадон конференцитæ та уадз æмæ суой традицион.

Гобозты Агуындæ

Рæстдзинад, №26, 2022 азы 15 феврал

Возможно, это изображение (4 человека и текст)