Ирон адæмы уарзондæр бæрæгбæттæй иу у Ногбон. Фынгмæ-иу бинонтæ сæхи рагацау цæттæ кодтой. Уæдæ æгъдаумæ гæсгæ, мах дæр нæхи æнæ æртхуронæй æмæ дедатæй нæ ныууагътам. Куыд кæнгæ сты, стæй æртхуронæй кæмæ цы æрхауд? Равдысты архайы Абайты Васойы номыл  ЦИГСИИ хистæр наукон кусæг, филологон наукæты кандидат Хъуысаты Зæлинæ.